ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ис кусæгон балцы Уæрæсейы Федерацийы. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады разамонæджы пресс-службæ.
"Мæскуыйы Бибылты Анатолийæн нывæзтгонд ис къорд фембæлды уæрæсейаг бæрнон кусджытимæ, цы ран дзырд цæудзæн РХИ æмæ УФ хсæн æмгуыстады социалон-экономикон фарстытыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Президентимæ ма æртæбонон балцы ис финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Хæбæлаты Аза.