Транскамы нæ лæууы митуард, трассæ у æхгæд дыккаг суткæ

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн иунæг трассæйыл тобæгонд у фæндагон змæлд æвзæр боныгъæды аххосæй. УУМ хъусингмæ гæсгæ, иу суткæмæ мит ныууарыд 20 сантиметры бæрц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Транскавказы автомагистралыл тыхджын митуард нæ лæууы хохæфцæджы дыууæ фарс дæр, тас у зæйтæ æрцæуынæй, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгæсон службæйы.

Транскам ӕхгӕнынц зӕйтӕ рцӕуыны тасы тыххӕй – УУМ

Транскам сæхгæдтой къуырисæры æхсæв стыр митуард æмæ зæйтæ рацæуыны тасæй.

"Митуард трассæйыл нæ лæууы куыд хуссар хайы, афтæ цæгаты дæр. Иу суткæмæ мит ныууард 20 сантиметры бæрц", - загътой радгæсон службæйы.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрт вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.