Митуарды фæстиуæг: Цхинвалы коммуналон службӕтӕ калынц уынгтыл змис æмæ цæхх

Ацы аз Хуссар Ирыстоны столицӕйы фыццаг хатт ӕруарыд уый бӕрц мит - йӕ бӕрзӕнд у 20 сантиметры бӕрц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы коммуналон службӕтӕ пырх кӕнынц хуыр ӕмӕ цӕххы змӕстӕй столицæйы уынгтæ. Куыстмӕ бавнӕлдтой сӕумӕ райсомæй, фехъусын кодтой Sputnik столицæйы мэрияйы пресс-службӕйы.

Боныгъӕд нӕ дӕтты фадат Транскам ссыгъдӕг кӕнынӕн: трассӕ ӕхгӕд у ӕртыккаг суткӕ

Ӕртыццӕджы изӕры столицӕйы фӕуазал ис, къӕвда рахызт митуардмӕ. Райсомы онг мит ӕрхӕцыд Цхинвалы уынгтыл дӕр.

"Коммуналон службӕтӕ сӕ райсом райдыдтой  фӕндӕгтыл хуыр ӕмӕ цӕххы змӕст пырх кӕнынæй. Централон уынгтӕ иууылдӕр сты пырхгонд, куыст цӕуы фӕсфӕд уынгтыл дӕр. Митуард кӕй нӕ лӕууы, уымӕ гӕсгӕ кӕцыдӕр уынгтыл калынц фӕлхаттӕй", - загътой пресс-службӕйы.

Ацы аз Хуссар Ирыстоны столицӕйы фыццаг хатт ӕруарыд уый бӕрц мит, йӕ бӕрзӕнд у 20 сантиметры бӕрц.

Митуарды фæстиуæг: Цхинвалы коммуналон службӕтӕ калынц уынгтыл змис æмæ цæхх