Цхинвалы басыгъд фатер бирæуæладзыгон хæдзары

Зынгсирвæзт ахуыссын кӕныныл архайдтой уӕлвӕткон уавӕрты министрады дыууӕ къорды, фæлæ фатер артæй байсын нæ бантыст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Джиоты Аланы проспектыл 130 А бирӕуӕладзыгон хӕдзары басыгъд хисӕрмагонд фатер. Арт ахуыссын кӕныныл архайдтой зынгфæдисонты дыууӕ къорды, фехъусын кодтой Sputnik уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.

Уагдоны минæвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн бынаты кусынц эксперттӕ, кӕцытӕ бӕрӕг кӕнынц зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ.

"Зынгсирвӕзты рӕстӕджы зианбаййафджытӕ нӕй. Уӕлвӕткон уавӕрты министрадмӕ фӕдзырдтой ӕхсӕв цыппар сахатмӕ ӕввахс, арт ахуыссын кӕныныл архайдтой дыууӕ къорды, фӕлӕ фатер аирвӕзын кӕнын нӕ бантыст", - загътой пресс-службӕйы.

Уагдоны ма бафтыдтой, хӕстӕг фатертӕ тынг кæй нӕ бахъыгдард сты.

"Хæдзары хицæуттæ уыдысты фатеры, фæлæ аирвæзтысты. Сыхаг фатертæм арт нæ ахызт, æрмæст сæм дон ныккалд", - бафтыдтой уым.

Цхинвалы басыгъд фатер бирæуæладзыгон хæдзары