Хуссар Иры УУМ радзырдтой, кæд бакæндзысты Транскам

Фæндагон змæлд трассæйыл тобæгонд уыд æртæ суткæ, 15-æм февралæй. Абон зæйты ныхмæ службæ бавнæлтта хъæпæнтæ æхсынмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Транскавказы автомагистралыл фæндагон змæлдæн бакæндзысты цыппæрæмы 20: 00 сахатыл, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгӕсон службӕйы.

Транскамы мит уарыд цалдӕр боны, трассӕгӕрон уый бӕрзӕнд ахызт иу метр ӕмӕ ӕрдӕгӕй. Фæндагон змæлд уым тобæгонд уыд æртæ суткæ.

"Цыппæрæмы 20.00 сахатыл Транскамы ацæудзæн фæндагон змæлд æппæт транспорты хуызтæн", - загътой УУМ.

Транскамы автомагистралыл фӕндагон змӕлд тобӕгонд у ӕртыккаг суткӕ - трассӕ сӕхгӕдтой 15 февралы стыр митуарды фӕстиуӕгӕн.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.