Хуссар Иры фӕстаг суткӕ рабӕрӕг кодтой дӕс ног рынчыны коронавирусӕй

Ныридӕгӕн ма коронавирусӕй рынчынтӕй стационарон уавӕрты хос кӕны 21 адӕймаджы, уыдонӕй цыппар ис сывӕллӕтты рынчындоны, 17 - инфекцион хайады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. "Югоосетпотребнадзор"-ы лабораторийы ивгъуыд суткӕйы ауагътой 163 тесты коронавирусы инфекци рабӕрӕг кӕнынӕн, уыдонӕй дӕсӕн разынд ӕвӕрццаг хатдзӕг, фехъусын кодта цыппӕрӕмы уагдоны сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Коронавирусы хыгъдӕй ссӕрибар кодтой ӕртӕ адӕймаджы, кӕцытӕ сӕнӕниз сты. Ӕдӕппӕтӕй та æнæджæн пандемийы рӕстӕджы та сӕ нымӕц у 2115", - загъта уый.

Цӕстдардон уагдоны фӕстаг бӕрӕггӕнæнтӕм гӕсгӕ, медикты хъусдарды бын ис 879 адӕймаджы.

Ныридӕгӕн ма коронавирусӕй рынчынтӕй стационарон уавӕрты хос кӕны 21 адӕймаджы, уыдонӕй цыппар ис сывӕллӕтты рынчындоны, 17 - инфекцион хайады.