Транскамы хъавынц ӕрӕвналын зӕйтӕ фехсынмӕ: трассӕ нырма у ӕхгӕд

Транскамы автомагистралыл фӕндагон змӕлд тобӕгонд у ӕртыккаг суткӕ - трассӕ сӕхгӕдтой 15 февралы стыр митуарды фӕстиуӕгӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Транскавказы автомагистралы зӕйты ныхмӕ службӕтӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц зӕйтӕ рауадзынмӕ, кӕд хӕхты боныгъӕд нӕ фӕива, уӕд, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгӕсон службӕйы.

Транскамы мит уары цалдӕр боны, трассӕгӕрон уый бӕрзӕнд ахызт иу метр ӕмӕ ӕрдӕгӕй.

"Ныридӕгӕн ис хорз боныгъӕд. Кӕд нӕ февзӕр уа, уӕд сӕрмагонд ифтонгады фӕрцы руадздзысты зӕйтӕ ӕмӕ сӕ расыгъдӕг кӕндзысты. Техникӕ ис бынаты ӕмӕ у цӕттӕ", - загътой уым.

Уагдоны рагзагъдӕй не сбӕлвырд кодтой, кӕд бакӕндзысты фӕндаг, уый.

Боныгъӕд нӕ дӕтты фадат Транскам ссыгъдӕг кӕнынӕн: трассӕ ӕхгӕд у ӕртыккаг суткӕ

Транскамы автомагистралыл фӕндагон змӕлд тобӕгонд у ӕртыккаг суткӕ - трассӕ сӕхгӕдтой 15 февралы стыр митуарды фӕстиуӕгӕн.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.