Курдиатджын композитортæй Ирыстон цух нæу, фæлæ дзы гениалонтæ стæм ис - афтæ хъуыды кæны Дзудцаты Тамерлан. Дæнцæгæн уый хæссы Плиты Жаннайы сфæлдыстад.
"Зындгонд ирон композитор æмæ фæндырдзæгъдæг Гæзданты Булат иу хатт йæ интервьюйы загъта, зæгъгæ, æз сæрыстыр дæн, кæй цæрын Плиты Жаннайы дуджы. Уæд мæ дисы бафтыдтой уыцы ныхæстæ, уымæн æмæ Булат йæхæдæг дæр стыр музыкант у", - банысан кодта Тамерлан.
Режиссеры ныхæстæм гæсгæ, Жаннаимæ сын ис иумæйаг куыстытæ дæр, цалдæр спектакльмæ композитор ныффыста музыкæ.
"Жаннайы музыкæ ацы дунейæ нæу, уый космикон у. Йæхæдæг дæр дзуры, зæгъгæ, мæ музыкæ мæм кæцæйдæр æрцæуы æмæ йæ афтæ ныффысын", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Режиссеры хъуыдымæ гæсгæ, Плиты Жаннайы хуызæн композитор ма Ирыстоны кæд фæзындзæн, уый бæрæг нæу. Йæ æнæниздзинад кæй фæцудыдта, уый аивадон дунейæн у стыр зиан, балхынцъ кодта уый.