ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдон рабӕрӕг кодта ивгъуыд суткӕйы авд ног рынчыны коронавирусӕй, уый адыл ӕппӕт пандемийы рӕстӕджы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц ахызт ӕртӕ минӕй.
"ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕ сарӕзтой 82 тесты COVID-19 рафӕлгъауыны тыххӕй, уыдонӕй авд равдыстой низы уӕвынад", - фехъусын кодта Sputnik майрӕмбоны "Югоосетпотребнадзор"-ы сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой дыууӕ пациенты, ӕдӕппӕт сӕнӕнизуӕвджыты нымӕц схызт 2 117 онг. Стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл, уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сты 884 коронавирусӕй рынчын пациенты.
Пандемийы рӕстӕджы, Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы территорийыл ӕдӕппӕт сарӕзтӕуыд 17 839 тесты, коронавирус бахӕцыд 3 001 адӕймагыл.