Ног цӕсгӕмттӕ ӕмӕ нывӕзт: "Симд" реорганизацийы фӕстӕ радта фыццаг концерт Цхинвалы

Ансамбль реорганизацийы фӕстӕ фыццаг хатт радта концерт, кӕсӕг федта ног цӕсгӕмттӕ, ног нывӕзт ӕмӕ дӕсны архайд сценӕйыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры кафты сӕйраг ансамбль Цхинвалы радта фыццаг концерт реорганизацийы фӕстӕ. "Симд"-ӕн ис ног репертуар, ног дарӕс ӕмӕ ранӕуӕггонд сконд. Кӕсӕг ӕвӕрццаг аргъ кӕны ранӕуӕггонд коллективы фыццаг къахдзӕфтӕн, уыимӕ иумӕ дзурынц баххӕстгӕнинӕгтыл дӕр.

Мадзал райдыдта паддзахадон ансамблы хоры ралӕудӕй. Сценӕмӕ национ дарӕсы рахызтысты хоры вокалисттӕ, дарддӕр кафджытӕ сӕхи бакодтой сценӕ.

Ног цӕсгӕмттӕ ӕмӕ нывӕзт: "Симд" реорганизацийы фӕстӕ радта фыццаг концерт Цхинвалы

Коллективы сконд зынгӕ фӕфылдӕр ис, кӕцыдӕр номыртӕ ӕххӕст кодтой 30-гай кафджытӕ.

"Мӕхӕдӕг кафыдтӕн ӕмӕ ӕмбарын ирон хореографи. Раздӕр концерттӕм дӕр цыдтӕн ӕмӕ кӕд уым фылдӕр мидис уыд, уӕд ныр та хорз баиу кодтой ансамблы хӕйттӕ - хор, кафджытӕ сконд ӕмӕ музыкантты. Рауад цымыдисон ӕмӕ ӕнгом", - загъта Sputnik залы кӕсджытӕй иу Сӕлимӕт.

Кӕсӕг федта ног цӕсгӕмттӕ, ног нывӕзт ӕмӕ дӕсны архайд сценӕйыл.

"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ хорз ралӕуд уыд. Фыццаг хайы сӕхи хатыдысты нымд, фӕлӕ стӕй райхӕлдысты. Тынг хорз тӕлмӕнтӕ ныууагътой гуымсӕгыл цӕгъдджытӕ ӕмӕ хор. Рухс ӕмӕ зӕлтӕ та уыдысты бафауинаг", - загъта Зӕлинӕ.

Ног цӕсгӕмттӕ ӕмӕ нывӕзт: "Симд" реорганизацийы фӕстӕ радта фыццаг концерт Цхинвалы

Хор дӕс адӕймаджы скондӕй рахызт цалдӕр хатты, Дзауы уӕрдӕттӕ, Додой ӕмӕ ӕндӕр зындгонд зарджытӕй дарддӕр сӕххӕст кодтой уырыссаг ӕвзагыл номыртӕ дӕр.

"Кӕсӕджы цӕстӕнгасӕй мын хормӕ фау ӕрхӕссӕн нӕй, фӕлӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уырыссаг зарджытӕ нӕ фидыдтой", - загъта ӕндӕр кӕсӕг Эльбрус.

Ирон хореографийы традицион кӕфтытӕй дарддӕр ма ансамблы артисттӕ бацӕттӕ кодтой театралон равдыст.

"Алцыдӕр фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ. Гуымсӕгтыл цӕгъдджытӕ мын балхӕдтой сӕ зӕрдӕ. Стӕй ма рахицӕн кӕнин кафджыты синхронон змӕлд. Ӕппӕрццӕгӕй та зӕгъдзӕн - сценӕ уыд ӕгӕр тар", - радзырдта Sputnik Наташа.

Ног цӕсгӕмттӕ ӕмӕ нывӕзт: "Симд" реорганизацийы фӕстӕ радта фыццаг концерт Цхинвалы

Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" ивгъуыд аз фехъусын кодта реорганизацийы тыххæй. Уый фæлгæтты коллектив ногæй иста кафджыты, ивта хор æмæ оркестры сконд. Фæстæдæр къордæн фæзынд ног аивадон къухдариуæггæнæг.