Джиоты Аланы (Парпаты) номыл фыццаг майдан радтой йӕ бинонтӕн

Бӕрзонд хорзӕх райстой хъайтары хо Джиоты Алла ӕмӕ ныййарӕг Джиоты Елена. Республикӕйы хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим ӕрдзырдта зындгонд ӕфсӕддон разамонджы сгуыхтдзинӕдтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты фыццаг къухдариуӕггӕнӕг Джиоты Аланы (Парпат) номыл фыццаг майдан радтой йӕ бинонтӕн, хъусын кӕны хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Джиоты Аланы (Парпаты) номыл фыццаг майдан радтой йӕ бинонтӕн

Бӕрзонд хорзӕх райстой хъайтары хо Джиоты Алла ӕмӕ ныййарӕг Джиоты Елена. Республикӕйы хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим ӕрдзырдта зындгонд ӕфсӕддон разамонджы сгуыхтдзинӕдтыл. 

"Уый ӕххӕст уыд ирон хӕстоны хуыздӕр ӕууӕлтӕй: патриотизм, ӕхсар ӕмӕ хъайтардзинадӕй, уый равдыста хорз организаторон ӕмӕ командирон миниуджытӕ", - загъта министр. 

Гассеты Ибрагим ма ӕрдзырдта Джиоты Аланы сгуыхтдзинӕдтыл республикӕйы ӕддейӕ, сӕрмагондӕй та Мӕхъӕлимӕ хӕсты ӕмӕ Абхазы.

Джиоты Аланы (Парпаты) номыл фыццаг майдан радтой йӕ бинонтӕн

Республикӕйы гарзджын тыхты фыццаг къухдариуӕггӕнӕг Джиоты Аланы ном сӕнусон кӕныны нысанӕн Хъахъхъӕнынады министрады 2020 азы августы сфидар кодтой майдан "Джиоты Алан".