Хуссар Иры Дзауы районы скъоладзауты райстой Ногдзаутӕм

Цытджын церемони ацыд Фыдыбӕсты хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ фӕлгӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы банысан кодтой Фыдыбӕсты хъахъхъӕнӕджы бон скъоладзауты хайадистӕй. Мадзалы фӕлгӕтты ахуырдзауты райстой ногдзауты рӕнхъытӕм, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой районы администрацийы пресс-службӕйы.

Ахуырдзаутӕ кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ ӕххӕст кодтой хӕстон зарджытӕ.

"Хорз традици ссис ацы бон скъоладзауты ногдзауты рӕнхъытӕм райсын. Дзауы районы фӕндзӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ бахордтой арт ӕмӕ бастой хъуырыл бӕттӕнтӕ", - загътой пресс-службӕйы.

Церемони ацыд Фыдыбӕсты хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн мадзалы фӕлгӕтты.

"Сывӕллӕттӕ ӕрдзырдтой Ирыстоны хъайтарты тыххӕй, кӕцытӕ 1989-2008 азты хъахъхъӕдтой райгуырӕн бӕстӕ. Уыдонӕй кӕцыдӕртӕ фӕмардысты райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд",- бафтыдтой пресс-службӕйы.