Дзауы районы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр шахматисттӕ скъоладзауты хсӕн

Ерысты иууыл ӕнтыстджындӕр разындысты Цхуырбаты Георгий, Санахъоты Георгий ӕмӕ Цхуырбаты Азӕмӕт
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Гуфтайы скъолайы ахуырдзау Цхуырбаты Георгий ӕмӕ Дзауы скъолайы ахуырдзаутӕ Санахъоты Георгий ӕмӕ Цхуырбаты Азӕмӕт рамбылдтой шахмӕттӕй районы турнир, уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Тедеты Лиана.

Дзауы районы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр шахматисттӕ скъоладзауты хсӕн

Районы фыццагады хайад райсын сӕ бон не ссис дӕрддзӕф районы ахуырдзаутӕ -Къуаиса, Синагур ӕмӕ Кировы скъолатӕй. Уыдон бахъыгдардта рцӕуын ӕвзӕр боныгъӕд.

"Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ райстой лӕвӕрттӕ, призтӕ ӕмӕ грамотатӕ. Сӕхи рдыгӕй бузныг дзырдтой организатортӕн", - загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, шахмӕттӕм фӕстаг ӕзты тынг цымыдис кӕсынц скъоладзаутӕ, рӕзы сӕ арӕхстдзинад дӕр.

Спортивон мадзал ацыд районы сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны.

Дзауы районы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр шахматисттӕ скъоладзауты хсӕн