ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕ рабӕрӕг кодтой иу ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, фехъусын кодта уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Сарӕзтам 68 тесты, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр иуӕн разынд ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Афтӕ ма медикты хъусдарды бынӕй систӕуыд 12 адӕймаджы, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц та схызт 2149 онг ", - фехъусын кодта уый.
Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны онг стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 877 адӕймаджы.
Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны сарӕзтӕуыд 18 120 иртӕсты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 3026 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.
Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.