Тӕрхондон не сразы рауадзын ахӕстонӕй Къӕбысты Георгийы ӕмгъуыдӕй раздӕр

Къӕбысты Георгийӕн тӕрхон рахастой 2019 азы июлы, уӕд ӕй сбадын кодтой ахӕстоны аст азмӕ. Уыцы аз августы ахӕсты бадыны ӕмгъуыд фӕкъаддӕр кодтой авд азмӕ. Абоны боны онг Къӕбысты Георгий арвыста ахӕстоны нысангонд ӕмгъуыды рдӕгӕй фылдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 фев – Sputnik. Цхинвалы тӕрхондон хорзыл нӕ банымадта Къӕбысты Георгийы куырдиат ахӕстонӕй ӕмгъуыдӕй раздӕр рахизыны фӕдыл. Хъуыддагмӕ ӕркастысты горӕты тӕрхондоны цыппӕрӕмы тӕрхонгӕнӕг Сиукъаты Фатимӕйы къухдариуӕгады бын.

Хуссар Иры генпрокурор райхæлдта Къæбысты Георгийы хъуыддаджы хæйттæ

Къӕбысты Георгийы ӕрцахстой 2017 азы 7 ноябры. Хуссар Ирыстоны бастдзинады фӕдыл раздӕры министры азымджын кодтой экономикон фыдракӕндтӕ саразыны, службӕйон хӕстӕй ахизыны, афтӕ ма ӕнӕзакононӕй хӕцӕнгарз балхӕныны фӕдыл.

Къӕбысты Георгийы адвокат Икрамжан Раматовы куырдиатмӕ гӕсгӕ, уый ныридӕгӕн арвыста ахӕстоны нысангонд ӕмгъуыды рдӕгӕй фылдӕр ӕмӕ йын бар ис рахизын ӕмгъуыдӕй раздӕр.

Къӕбысты Георгий йӕхӕдӕг дӕр ракуырдта, цӕмӕй йын хорзыл банымайой йӕ куырдиат.

"Мӕ куырдиат мын хорзыл куы банымайой, уӕд ӕрдӕг азмӕ скусын кӕндзӕн радио районон центрты. Ӕз уый сараздзӕн мӕхи фӕрӕзтӕй, кӕд ӕмӕ Бастдзинады фӕдыл комитет уый нӕ сарӕзта ацы рӕстӕгмӕ. Кӕд ӕхцатӕ дарын, уӕд уыдон дӕр бафиддзӕн", - загъта Къӕбысты Георгий.

Зылынкӕныны фарс ракуырдта, цӕмӕй хорзыл ма банымайой куырдиат, уымӕн ӕмӕ Къӕбысты Георгий ӕххӕстӕй нӕ бафыста ӕрхӕсгӕ зианы суммӕ, афтӕ ма ахӕстоны ӕппӕрццаг характеристикӕйы тыххӕй.

Тӕрхонгӕнӕг ахӕстоны администраицйы ӕппӕрцаг характеристикӕйы тыххӕй ныууагъта Къӕбысты Георгийы тӕрхон йӕ тыхы.

Афтӕмӕй Къӕбысты Георгийы адвокатӕн фадат ис тӕрхондоны тӕрхоныл хъаст ахӕссын уӕлдӕр инстанцимӕ.

Къӕбысты Георгийӕн ахӕстоны фӕбадыны ӕмгъуыд фӕуд кӕны 2023 азы декабры.