ЦХИНВАЛ, 26 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны генпрокуратурӕйы растыл нӕ банымадтой информаци РБМЦ директоры хӕдивӕг тӕрхондонон-медицинон экспертизӕйы фӕдыл Зӕгъойты Зӕринӕйыл уоловон хъуыддаг бакӕныны фӕдыл.
Республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ нӕ уадзынц сгарӕн мадзӕлттӕ Зӕгъойты Зӕринӕйы фӕдыл, банысан кодтой прокуратурӕйы пресс-службӕйы.
"Ныртӕккӕ судедэксперт Зӕгъойты Зӕринӕйы куырдиатӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ уадзы басгӕрст социалон хызӕгты публикациты фӕлдыл, кӕцытӕ, Зӕгъойты Зӕринӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, халынц йӕ куысты репутаци", - бафтыдтой уагдоны.
Басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ генпрокуратурӕ рахӕсдзӕн процессуалон скъуыддзаг.
Зӕгъойты Зӕринӕ сарӕзта Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл судмедэкспертизӕтӕй сӕ иу. Уый размӕ ацы уголовон хъуыддаджы фӕдыл фыццаг экспертизӕ сарӕзтой УФ Хъахъхъӕнынады министрады специалисттӕ. Документты ныффыстой ӕвзонг нӕлгоймаджы амӕлӕты дыууӕ хицӕн аххосаджы. Уый фӕдыл фарон азы кӕрон Генпрокуратурӕ банысан кодта, гӕнӕн ис кӕй саразой ӕртыккаг экспертизӕ.