Дыууӕ ФТЦ ӕмӕ ивартӕ нозтджынӕй скъӕрыны фӕдыл: МХМ Хуссар Иры фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

Барадхъахъхъӕнӕг органы бавдыстой статистикӕ республикӕйы фӕндӕгтыл фехӕлдты фӕдыл иу къуыримӕ, афтӕ ма радзырдтой, цы санкцитӕ райстой фӕткхалджыты ныхмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард ис иу адӕймаг, хъусын кӕны къуырисӕры Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы алвӕндагыл сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы

Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, иу къуыримӕ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ кӕй сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 174 фӕткхалды.

"10 шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй. Фӕндаджы ныхмӕлӕууӕг хаххмӕ рахизыны тыххӕй инспектортӕ бӕрнмӕ ӕрбаздахтой дыууӕ шофыры, фӕндагон нысӕнтты фӕтк фехалыны тыххӕй – 20 адӕймаджы, светофорыл аскъӕрыны тыххӕй та – 40 шофыры", - банысан кодтой МХМ.

Республикӕйы территорийыл ивгъуыд къуыри не сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ, фехъусын кодтой уагдоны. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрбаздахтой бӕрнмӕ дыууӕ ӕмбӕстаджы, бафтыдтой МХМ.