ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министры х.ӕ. Бекъойты Геннадий ӕрдзырдта хицауады уӕнгтимӕ рабадтыл республикӕйы социалон хъахъхъӕнынады системӕйы райрӕзты фарстытыл, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
"Президенты фӕдзӕхстӕй хицауады кусынц социалон ӕмӕ пенсион фӕдзӕхсты системӕйы арӕзтадыл, кӕцымӕ гӕсгӕ сараздзысты стабилон социалон уавӕртӕ ӕмбӕстӕгтӕн. Реализаци цӕуы мадзӕлтты нывӕзт, кӕцымӕ гӕсгӕ арӕзт цӕуы ног нормативон-барадон базӕ", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.
Рабадты рӕстӕджы банысан кодтой, республикӕйы социалон ситемӕйы модернизаци уагъд кӕй цӕуы ӕртӕ этапмӕ 2020 азы июнӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ здӕхт у социалон лӕггӕдты гъӕд фӕфылдӕр кӕнынмӕ.
Хицауады пресс-службӕйы зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы ӕмархайдӕй кӕй аразы социалон ӕмӕ пенсион фӕдзӕхсты системӕ РХИ ӕмӕ УФ хсӕн хӕларад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырдмӕ гӕсгӕ.