Мамиты Григорий: ног проект сразæнгард кæндзæн фæсивæды професси равзарынмæ

Актер, режиссер Мамиты Григорий радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ног проект "Алло, мах агурæм амонæг"-ы тыххæй
Sputnik
Мамиты Григорий: ног проект сразæнгард кæндзæн фæсивæды професси равзарынмæ

Паддзахадон телеуынынад кæны ног проект "Алло, мах агурæм амонæг" хистæркъласонты 'хсæн. Проекты автортæй сæ иу Мамиты Григорий куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы конкурс сбæрæг кæндзæн рæзгæ фæлтæры курдиат дæр, æмæ ма сæ сразæнгард кæндзæн сомбоны професси равзарынмæ дæр.

"Гæнæн ис æмæ сæ искæй бацымыдис кæна сомбоны профессийæн æмæ суой телеуынынады амонджытæ", - банысан кодта Григорий.

Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, конкурс уагъд цæудзæн 9-11 кълæсты ахуыргæнинæгты 'хсæн, уымæн æмæ ацы кары сывæллæттæ райдайынц хъуыды кæнын сæ сомбоны професийыл.

"Ныридæгæн хайадисджыты нымæц схыст 70 онг, æз уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ сæ афтæ бацымыдис кæндзæн ацы проект", - бафиппайдта Мамиты Григорий.

Хайадисджыты нымæц бирæ кæй у, уый тыххæй проекты автортæ фæивдзысты сæ раздæры план.