Цхинвалы фӕбӕрӕг сты баскетболы турниры уӕлӕхиздзаутӕ

Турниры хуыздӕр хъазӕджы статуэткатӕ райстой Цхуырбаты Андрей, Козаты Арсен, Годжысаты Александр ӕмӕ Тасойты Арсен
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы гимнази "Альбион" рамбылдта Фыдыбӕсты хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн турнир баскетболӕй ӕрыгӕтты хсӕн. Уымӕй дарддӕр ма командӕйы цыппар хъазӕджы райстой сӕрмагонд призтӕ, куыд хуыздӕр спортсментӕ.

Хуыздӕр хъазӕджы статуэткатӕ райстой Цхуырбаты Андрей, Козаты Арсен, Годжысаты Александр ӕмӕ Тасойты Арсен.

"Альбион" абон цӕхӕр кодтой. Уый тыххӕй бузныг сӕ тренер Дзабиты Роландӕн. Аннӕ скъолатӕ дӕр ӕвзӕр нӕ архайдтой. Зӕгъӕм Джуссойты Андрей "хаста" дыккӕгӕм скъолайы командӕйы. Хуыздӕр размӕбырсӕг Годжысаты Александры ӕнтыстытӕ нымайын дӕр нал арӕхстыстӕм", - загъта турниры нымӕрдар Тедеты Анжела.

Ерысты баллтӕм гӕсгӕ дыккаг бынат бацахста горӕты ӕхсӕзӕм скъола, ӕртыккаг призер та ссис дыккӕгӕм скъола. Турнир бацӕттӕ кодта горӕты спорты хайад.

"Ерысты нысан у ацы спорты хуыз раразмӕ кӕнын. Абон ӕвдисӕн уыдыстӕм курдиатджын фӕсивӕд нӕм кӕй ис, уымӕн, ӕрмӕст хъӕуы семӕ кусын. Хорз хъазыдысты се 'ппӕт дӕр, фӕлӕ уӕддӕр "Альбион" уыд иууыл хуыздӕр", - загъта хайады хистӕр.

Цхинвалы фӕбӕрӕг сты баскетболы турниры уӕлӕхиздзаутӕ