Санитарон уагдон фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы уавӕры фӕдыл Хуссар Иры

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 18 мин тесты коронавирусы фӕдыл,уыдонӕй 3050 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны лабораторийы ивгъуыд суткӕйы дӕргъы сбӕрӕг кодтой цыппар ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта дыццӕджы Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Ӕдӕппӕт сарӕзтам 68 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой цыппар пациентӕн", - загъта уый.

Хуссар Иры медиктӕн рахицӕн кодтой 6 милуан сомы декабры фиддонтӕн
Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны бон стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 886 фӕрынчынуӕвӕджы.

"Медицинон уагдӕтты "сырх зонӕтӕй" рафыстой цыппар адӕймаджы, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у – 2164 адӕймаджы", - банысан кодта Гаглойты Анна.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 18 748 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг радтой 3050.

Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.