Зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой хус кӕрдӕджы ссыгъд Цхинвалы цӕгаттаг кӕрон

Зынгсирвӕзты фӕдыл информаци бацыд УУМ радгӕсон хайадмӕ МХМ-йӕ 13.11 сахатыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвал-Дзау фӕндаджы цыппӕрӕм километрыл, раздӕры хъӕу Чъехы цур ссыгъд хус кӕрдӕг, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсоны ӕххуысгӕнӕг Хъодалаты Руслан.

"Зынгсирвӕзт аиуварс кодтой. Архайдта дзы иу зынгфӕдисон къорд", - загъта уый.

Радгӕсоны ӕххуысгӕнӕг банысан кодта, зынгсирвӕзт ӕрцыд уӕлвӕзыл. Уый сарӕзта зындзинӕдтӕ УУМ сӕрмагонд техникӕйӕн, фӕлӕ арты фӕзуат стыр нӕ уыд, ӕмӕ йӕ уайтагъд ахуыссын кодтой.