Ирон богал ссис Уӕрӕсейы чемпион греко-римаг хъӕбысхӕстӕй

Омскы турниры Теблойты Давид архайдта 65 килограммы уӕзы категорийы – финалон тохы уый рамбылдта спортсмены Адыгейӕ 8:0 хыгъдӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 мар – Sputnik. Ирон богал Теблойты Давид рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы чемпионаты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 18 азы кары онг спортсменты хсӕн, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Хуссарирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой дыууадӕс майданы ерысты Цӕгат Иры

Омскы турниры Теблойты Давид архайдта 65 килограммы уӕзы категорийы – финалон тохы уый рамбылдта спортсмены Адыгейӕ 8:0 хыгъдӕй.

Афтӕ ма, турниры бронзӕйон призертӕ ссисты Теблойты Даниэль (55 кг), Габиты Сӕрмӕт (71 кг), Цоциты Азӕмӕт (71 кг) ӕмӕ Хуыбиаты Азӕмӕт (92 кг).

Спортсментӕ ерыстӕм цӕттӕ кодтой тренертӕ Гаглойты Уахтанг, Цӕмӕхъаты Нарт ӕмӕ Гудиты Ильяйы къухдариуӕгады бын.