Хуссар Иры сæндидзын кодтой электроифтонгад

Аварийы аххосагæй, кæцы рцыд электрохаххыл æртыццæджы цæгатирыстойнаг хайы, Хуссар Ирыстон баззад æнæ рухсæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры сæндидзын кодтой электроифтонгад. Республикæ æнæ рухсæй баззад дыууæ сахаты бæрц цæгатирыстойнаг хайы электрохаххыл аварийы аххосæй.

Хуссар Ир баззад ӕнӕ рухсӕй электрондыхы хаххы аварийы тыххӕй

"Нæ коллегатæ тагъд аиуварс кодтой электрохаххыл авари. Ныридæгæн Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы хуымæтæг режимы", - загътой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.

Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы Уæрæсейæ электрохахх  "Зæрæмæг — Цæгаттаг портал — Дзау"-ыл. Азы кæронмæ Хуссар Иры фæнд кæнынц саразын фæстауæрцон хахх.