Литературон изӕртӕ ӕмӕ концерттӕ: Хуссар Иры банысан кӕндзысты сылгоймӕгты бӕрӕгбон

8 мартмӕ республикӕмӕ ӕрцӕудзӕн театр ӕмӕ кинойы популярон уӕрӕсейаг актер, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Эвклид Кюрдзидзис
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Козаты Диана. Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон Хуссар Ирыстоны банысан кӕндзысты литературон изӕртӕ ӕмӕ бӕрӕгбонон концерттӕй.

Хуссар Иры цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ 8 марты цытӕн

Сӕйраг мадзӕлттӕ ацӕудзысты майрӕмбоны. 8 март республикӕйы у улӕфт бон.

"Майрӕмбоны, 5 марты Къостайы ӕмӕ Громы хъӕуты ацӕудзысты литературон изӕртӕ бӕрӕгбоны цытӕн. Уыцы бон ма Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзӕн цытджын ӕмбырд ӕмӕ концерт", - фехъусын кодтой культурӕйы министрады.

8 мартмӕ республикӕмӕ ӕрцӕудзӕн театр ӕмӕ кинойы популярон уӕрӕсейаг актер, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Эвклид Кюрдзидзис. Цхинвалы уый ратдзӕн концерт-импровизаци "Дӕуӕн".


Актер фыццаг хатт не рцӕудзӕн Хуссар Ирыстонмӕ - уый ма ам уыд 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстӕ. Республикӕй Сгъуыхт артисты номӕй дӕр ын уӕд скад кодтой.