Хуссар Иры кӕрӕдзийыл сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы, бахъыгдард шофыртӕй иу

Уӕрӕсейаг хӕдтулгӕйы шофырӕн фӕцӕф йӕ риуы гуыдыр, уый бакодтой Цхинвалы республикон бирӕпрофилон медцентрмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны автотрассӕ Цхинвал-Дменисы ӕхсӕзӕм километрыл дысон изӕр кӕрӕдзийыл сӕмбӕлдысты хӕдтулгӕтӕ ВАЗ-2107 ӕмӕ BMW X5.

МХМ пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй авари ӕрцыд "семеркӕйы" шофыры аххосӕй.

"Уый уыд нозтджын, рахызт ныхмӕдзон полосамӕ ӕмӕ сӕмбӕлд хӕдтулгӕ BMW X5-имӕ", - загъта Джиоты Алик.

Аварийы бахъыгдард иу адӕймаг - уӕрӕсейаг хӕдтулгӕйы шофыр, уымӕн йӕ къӕхтӕ ныффидар сты педӕлтты хсӕн. Цауы бынатмӕ ӕрбацыдысты УУм, ПАИ минӕвӕртӕ ӕмӕ тагъд ӕххуыс. Шофыры ралвӕстой хӕдтулгӕйӕ ӕмӕ йӕ бакодтой Цхинвалы республикон бирӕпрофилон медцентрмӕ. Медикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уый райста риуы гуыдыры травмӕ.