Хуссар Иры рабӕрӕг ис COVID-19-ы 21 ног цауы - "Югосетпотребнадзор"

Медицинон хыгъдӕй цыппӕрӕмы райсоммӕ систой 14 пациенты, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц та схызт 2591 онг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри сарӕзтой 95 иртӕсты коронавирус рафӕлгъауыны фӕдыл, уыдонӕй 21 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Коронавирусон инфекцийӕ ног рынчынты нымӕц Хуссар Иры абон у 21 адӕймаджы, ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы та - 3081", - загъта уый.

Гаглойты Анна ма бафтыдта, цыппӕрӕмы райсоммӕ медицинон уагдӕтты "сырх зонӕтӕй" кӕй рафыстой 14 пациенты, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц та схызт 2591 онг. Медикты хъусдарды бын ма сты 490 рынчыны.

Хуссар Ирыстоны COVID-19 пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 18 661 тесты коронавирусы фӕдыл.

Республикӕйы январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.