Цхинвалы гимнази "Альбион"-ы ӕрурӕдтой ахуыр хъармгӕнӕн системӕйыл аварийы тыххӕй

Ӕртыццӕджы ӕхсӕвы фехӕлдысты гимназийы бӕстыхайы хъармгӕнӕн системӕйы мотортӕ, банысан кодта ахуырадон уагдоны директор
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвалы гимнази "Альбион"-ы ахуырдзауты ауагътой хӕдзӕрттӕм, уымӕн ӕмӕ скъолайы фехӕлд хъармгӕнӕн системӕ, фехъусын кодта Sputnik ахуырадон уагдоны директор Гуыцмӕзты Ирина.

"Райсомӕй рабӕрӕг ис, ӕхсӕвы кӕй басыгъдысты мотортӕ, кӕцыты уылты тӕвд дон цӕуы скъолайы бӕстыхаймӕ. Тынг уазал нӕм у, уый фӕдыл сывӕллӕтты ауагътам хӕдзӕрттӕм", - загъта Гуыцмӕзты Ирина.

Уый бафтыдта, "Энергоресурс"-ы специалист ныридӕгӕн сарӕзта иу мотор. Директор баныфсӕвӕрдта, дыккаг мотор дӕр ӕввахс рӕстӕджы кӕй сараздзысты, ӕмӕ райсом сывӕллӕттӕн райдайдзӕн ахуыр.