Хъӕууон хӕдзарады ног министр радзырдта фыццаджы къахдзӕфты тыххӕй ацы аз

Уагдоны сӕргълӕууӕджы бынаты йӕ фыццаг пресс-конференцийыл Мӕргъиты Алан радзырдта хъӕууон хӕдзарады уавӕр ӕмӕ фыццаджы нывӕзтыты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Тауыны компани гъӕдджынӕй ауадзын ӕмӕ ног техникӕ эсплуатацимӕ бакӕнын суыдзысты фыццаджы здӕхтытӕ, кӕцытыл хъӕууон хӕдзарады министрад кусдзӕн ацы аз. Уый тыххӕй пресс-конференцийы рӕстӕджы Цхинвалы фехъусын кодта уагдоны сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Алан.

Мӕргъиты Аланы снысан кодтой Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй февралы райдайӕны, уый размӕ уый уыд паддзахадон ветеринарон ӕмӕ фитосанитарон цӕстдарды комитеты сӕрдар.

"Фыццаджыдӕр, мах нывӕндӕм гъӕдджынӕй ауадзын тауыны компани, уый фӕстӕ та рӕстӕгыл бацӕттӕ кӕнын ӕфснайынмӕ. Уыимӕ иумӕ, мах кусдзыстӕм, цӕмӕй ӕрбаздахӕм хъӕууон хӕдзарадон архайдмӕ ног техникӕ, кӕцы нын балӕвар кодтой", - банысан кодта Мӕргъиты Алан.

Бибылты Анатолий раивта Хуссар Иры хъӕууон хӕдзарады министры
Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бахахх кодта, ног техникӕйыл нырма кӕй хъуамӕ ахуыр кӕной специалисттӕ, кӕцытӕ йыл кусдзысты.

"Афтӕ ма мах фӕнды ауадзын зонадон конференци хъӕууон хӕдзарады фарстыты фӕдыл, цы ран ӕрныхас кӕндзысты фадыджы райрӕзты ахсджиаг фарстытыл ӕмӕ сӕ аскъуыддзаг кӕныныл", - загъта Мӕргъиты Алан.

Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны кӕй адарддӕр кӕндзысты куыст уӕрӕсейаг коллегӕты фӕлтӕрддзинад райсыны фӕдыл.