Цӕгат Иры ӕрурӕдтой чызджы, кӕцы уыд федералон агуырды

Цӕгатирыстойнаг полицӕйӕгтӕ ӕрурӕдтой 20-аздзыд чызджы, кӕцыйы агуырдтой наркотикон буарӕдты ӕнӕзаконон ӕгъдауӕй ӕвӕрыны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полицийы кусджытӕ ӕрурӕдтой федералон агуырды уӕвӕг Ставрополы крайы 20-аздзыд цӕрӕджы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.

Чызг агуырдмӕ лӕвӕрд ӕрцыд наркотикон буарӕдты ӕнӕзаконон ӕгъдауӕй ӕвӕрыны тыххӕй.

"Полицийы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой, чызг Пятигорскӕй кӕй ацыд Краснодары краймӕ, уырдыгӕй та Цӕгат Ирмӕ, цы ран ӕй ӕрцахстой цӕгатирыстойнаг оперативон кусджытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ныртӕккӕ чызджы радтой Уӕрӕсейы Мидхъыддӕгты министрады Пятигорскы хайадмӕ.