"Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ COVID-19-ы фӕдыл

Хуссар Ирыстоны COVID-19 пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт фӕрынчынуӕвджыты нымӕц схызт 3096 онг, уыдонӕй ныридӕгӕн сӕнӕниз сты 2600 пациенты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы 15 адӕймаджы фӕрынчын сты ног коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Сарӕзтам 84 иртӕсты коронавирус рафӕлгъауыны фӕдыл, уыдонӕй 15 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Афтӕ ма ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой фараст пациенты", - загъта уый.

Санитарон уагдоны бафтыдтой, республикӕйы ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл кӕй ис 496 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 18 752 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц абоны онг у 3096. Уыдонӕй сӕнӕниз сты 2600 пациенты.

Республикӕйы январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.