Хуссар Иры сӕндидзын кодтой электроифтонгад

Республикӕ баззад ӕнӕ рухсӕй цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй "Зӕрӕмӕг" дӕлстанцыл Цӕгат Ирыстоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны сӕнидзын кодтой электроифтонгад цалцӕггӕнӕн куыстыты фӕстӕ "Зӕрӕмӕг" дӕлстанцыл Цӕгат Ирыстоны. Электроэнерги райдыдта цӕуын республикӕмӕ бонӕй цыппар сахатыл.

Хуссар Ир баззад ӕнӕ рухсӕй электрохаххыл нывӕзтон куыстыты тыххӕй

Знон Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс" фехъусын кодта цӕрджытӕн, зӕгъгӕ, дыццӕджы, 9 марты, 12.00-ӕй 17.00 сахатмӕ республикӕйы ахицӕн кӕндзысты рухс.

Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы дӕлхайады директор Гӕбӕраты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыстытӕ уагъд цыдысты Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ баст уыдысты трансформатортӕ раивынимӕ. Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕввахс рӕстӕджы нал нывӕндынц ахицӕн кӕнын рухс.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги иууылдӕр цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 кВт хыз "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал - Дзау"-ы уылты. Азы кӕронмӕ республикӕйы фӕнд кӕнынц балхынцъ кӕнын резервон хаххы арӕзтад, кӕцы аскъуыддзаг кӕндзӕн рухсимӕ проблемӕтӕ Хуссар Иры