Футболисттӕ Хуссар Ирӕй расгуыхтысты турниры Дзӕуджыхъӕуы

Мулдарты Алексейы, кӕцы архайдта цӕгатирыстойнаг командӕ "Щит Осетии"-йы сконды, банымадтой ерысты иууыл хуыздӕр хъазӕгыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны футболон командӕйы хъазджытӕ Мулдарты Алексей ӕмӕ Бӕззаты Марик ссисты турниры уӕлахиздзаутӕ Дзӕуджыхъӕуы, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Леонид Саблины номыл турниры хуссарирыстойнаг спортсментӕ архайдтой "Щит Осетии" командӕйы сконды.

Футболисттӕ Хуссар Ирӕй расгуыхтысты турниры Дзӕуджыхъӕуы

Финалон хъазты тренер Хъантемыраты Арумы хъомылгӕнинӕгтӕ рамбылдтой "Динамо-МВД"-йы 1:0 хыгъдӕй.

Уагдоны бафтыдтой, командӕйы хъахъхъӕнӕг Мулдарты Алексейы кӕй банымадтой ерысты иууыл хуыздӕр хъазӕгыл.