Хуссар Иры хъӕутӕй сӕ иуы ссардтой дыууӕ гранатометы

Хӕцӕнгӕрзтӕ ссардтой бынӕттон цӕрджытӕ ӕдзӕрӕг хӕдзары. Уыдон фехъусын кодтой уый фӕдыл УУМ кусджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Къусреты хъӕуы ӕдзӕрӕг хӕдзӕрттӕй сӕ иуы ссардтой дыууӕ гранатометы ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕг, фехъусын кодтой республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

"Цхинвалы районы Къусреты хъӕуы ӕдзӕрӕг хӕдзары ссардтой дыууӕ гранатометы (РПГ-26) ӕмӕ иу рӕмудзӕн ӕрмӕг - ПГ-7. Уыдон ссардтой бынӕттон цӕрджытӕ", - загътой уагдоны пресс-службӕйы.
Хуссар Иры хъӕутӕй сӕ иуы ссардтой дыууӕ гранатометы

УУМ сапертӕ басгӕрстой территори ӕмӕ аластой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ полигонмӕ, цы ран сӕ скуынӕг кодтой.