ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдтой сӕрмагонд ахуыртӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы разысгарджытӕн. Хӕххон полигон "Дзарцъем"-ы уыдон бакусдзысты знаджы раз бабадын, бабырсын, ӕмӕ нырыккон техникон фадӕтты руаджы информаци ӕмбырд кӕныныл, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы сӕргълӕууӕг Вадим Астафьев.
"Ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ фӕбӕрзонд кӕндзысты сӕ фӕлтӕрддзинад разӕсгарӕн мадзӕлтты, условон ныхмӕлӕууӕджы коммуникацитӕ сӕнӕзианхъом кӕныныл. Афтӕ ма уыдон архайдзысты райсын информаци "знаджы" дӕлхайӕдты бынӕтты тыххӕй", - радзырдта уый.
Уымӕй дарддӕр ма базӕйы службӕгӕнджытӕ сорганизаци кӕндзысты засадӕтӕ, бабырсттӕ, спайда кӕндзысты радиолокацион станцтӕй СБР-5 ӕмӕ ПСНР-8, афтӕ ма ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппараттӕй.
Зылды минӕвар ма бахахх кодта, мадзалы хайад кӕй исынц 200 ӕфсӕддоны ӕмӕ 40 иуӕджы та сӕрмагонд техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгарз.