Хъӕрӕцаты Аслан ахызт Дохайы турниры ӕдӕгфиналмӕ къайон ерысты

Хисӕрмагонд номхыгъд ӕнтыстджын старты фӕстӕ цӕгатирыстойнаг теннисист фембӕлд Доминик Тимӕн Австрийӕ, фӕлӕ адарддӕр кодта йӕ архайд турниры къайон ерысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Уӕрӕсейӕгтӕ Хъӕрӕцаты Аслан ӕмӕ Андрей Рублев ахызтысты теннисон турнир АТР ӕрдӕгфиналмӕ Дохайы. Финалы цыппӕрӕм хайы къайон ерысты уыдон рамбылдтой Марсело Мело ӕмӕ Жан-Жюльен Ройеры 6:2, 6:3 хыгъдӕй.

Фыццаг ахӕм ӕнтыст: цхинвайлаг теннисисткӕ райста балцӕг Уӕрӕсейы чемпионатмӕ

Ӕрдӕгфиналы Уӕрӕсейы минӕвӕрттӕ фембӕлдзысты французаг теннисисттимӕ Жереми Шарди ӕмӕ Фабрис Мартинимӕ.

Амӕйразмӕ Хъӕрӕцаты Аслан ӕмӕ Андрей Рублев фембӕлдысты Лоренцо Сонего ӕмӕ Андреа Вавассориимӕ.  Уӕрӕсейаг спортсментӕ рамбылдтой 7:6, 6:2 хыгъдӕй.

Хисӕрмагонд ерысты Хъӕрӕцаты Аслан фембылд турниры фыццаг номер Доминик Тимӕн Австрийӕ.

Турнир цӕудзӕн 13 марты онг, йӕ призон фонд у 890 мин доллары.