Хуссар Иры ӔХМ ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕрӕсейаг вакцинӕмӕ коронавирусы ныхмӕ – Тотчиты Георгий

Уагдоны сӕргълӕууӕг нывӕнды ӕввахс рӕстӕджы аскъуыддзаг кӕнын республикӕмӕ вакцинӕ ӕрласыны фарст, фыццаг партийы хъуамӕ уой препараты 1500 иуӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад (ӔХМ) ракуырдта Уӕрӕсейӕ вакцинӕ "Спутник V". Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры х.ӕ. Тотчиты Георгий рабадтыл, кӕцыйы рӕстӕджы хатдзӕгтӕ скодтой уагдоны куыстӕн ивгъуыд азы.

Хуссар Иры медиктӕн рахицӕн кодтой 6 милуан сомы декабры фиддонтӕн

Тотчиты Георгий баныфсӕвӕрдта, республикӕмӕ препарат ӕрласыны фарст аскъуыддзаг кӕндзысты дыууӕ-ӕртӕ къуыримӕ – министрад ӕнхъӕлмӕ кӕсы Уӕрӕсейы ӕмбӕлон структурӕты дзуаппмӕ.

"Мах ракуырдтам вакцинӕйы 1500 дозӕ. Препарат бавӕрынӕн махмӕ ис алы фадӕттӕ дӕр", - загъта Тотчиты Георгий.

Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бахахх кодта, коронавирусы ныхмӕ вакцинаци кӕй нӕ хицӕн кӕны ӕндӕр инфекцион низты ныхмӕ вакцинацийӕ.

Республикон бирӕпрофилон медицинон центры 2020 азы 15 сентябрӕй 31 декабры онг коронавирусӕй хос кодтой 851 адӕймаджы. УФ Хъахъхъӕнынады министрады ковидгоспиталы та 191 адӕймаджы. Республикӕйы вирус ӕдӕппӕт бахӕцыд 3125 ӕмбӕстагыл.

Хуссар Ирыстонӕй хоскӕнынадмӕ арвыстой 60 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 35 – Цӕгат Ирыстонмӕ.