Парламенты комитет хорзыл банымадта Бекъойты Геннадийы кандидатурӕ премьеры бынатмӕ

Хуссар Ирыстоны парламенты майрӕмбоны ацӕудзӕн сессийы рабадт, цы ран ӕркӕсдзысты президенты куырдиатмӕ республикӕйы хицауады сӕрдары кандидатурӕйы фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik. Бекъойты Геннадийы кандидатурӕ, кӕцы банхъардта президент Бибылты Анатолий Хуссар Ирыстоны премьер-министры бынатмӕ, хорзыл банымадта законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитет.

Хуссар Иры парламент райста бюджет æнæ кворумæй

"Хъӕлӕсдӕттыны рӕстӕджы Комитеты уӕнгтӕ хорзыл банымадтой ацы кандидатурӕ. Иу адӕймаг не схъӕлӕс кодта", - дзырдӕуы закондӕттӕг органы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Парламент майрӕмбоны сессийыл нывӕнды ӕркӕсын президенты куырдиатмӕ республикӕйы хицауады сӕрдары кандидатурӕйы фӕдыл.

Фарон сентябры депутаттӕ ӕрӕмбырд сты сессимӕ, цӕмӕй ӕркӕсой президенты куырдиатмӕ хицауады сӕрдары кандидатурӕйы фӕдыл, фӕлӕ рабадты хайад нӕ райстой оппозицион депутаттӕ.