Цхинвалы ацӕудзӕн республикӕйы чемпионат тагъд шахматтӕй

Ацы аз турнир ахӕм масштабонӕй нӕ ауадздзысты коронавирусы ныхмӕ мадзӕлтты аххосӕй – чемпионаты хайад райсдзысты республикӕйы дӕс иууыл тыхджындӕр шахматисты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хуыцаубоны, 14 марты, ацӕудзӕн республикӕйы чемпионат тагъд шахматтӕй. Чемпионаты организатор у республикӕйы шахматты федераци шахматты скъола "Белая ладья"-имӕ иумӕ, фехъусын кодта Sputnik федерацийы президент Саулохты Георгий.

Цхинвайлаг скъоладзау рамбылдта ӕппӕтреспубликон турнир шахматтӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, чемпионаты хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны дӕс иууыл тыхджындӕр хъазӕджы.

"Махмӕ кары арӕнӕвӕрдтӕ нӕй, ӕмӕ уый фӕдыл дыууӕ скъоладзауы дӕр хъаздзысты хистӕр шахматистты ӕмвӕзадыл", - банысан кодта уый.

Федерацийы президент бахахх кодта, чемпионат кӕй ацӕудзӕн скъола "Белая ладья"-йы, кӕцы ис столицӕйы Хъайтарты уынгыл.

Саулохты Георгий бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы аз турнир ахӕм масштабонӕй нӕ ауадздзысты коронавирусы ныхмӕ мадзӕлтты аххосӕй.