Гасситы Ацæмæз: Хуыцауæй ратгæ курдиатыл дæр æрвылбон хъæуы кусын

Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахууыргæнæндоны вокалы педагог Гасситы Ацæмæз радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ профессийы тыххæй
Sputnik
Гасситы Ацæмæз: Хуыцауæй ратгæ курдиатыл дæр æрвылбон хъæуы кусын

Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны иннæ хайæдты æмрæнхъ ис вокалон хайад, уым ахуыргæнджытæй сæ иу у Гасситы Ацæмæз. Уый куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй музыкалон хахх равзæрста уымæн æмæ йæ фæндыд йæ фарстытæн дзуаппытæ ссарын.

"Фæндыд мæ ноджы фылдæр базонын, уымæн æмæ мæм бирæ фарстытæ фæзынд ирон культурæйы тыххæй, кæцытæн нæ райстон дзуапп", - загъта Ацæмæз.

Уый фидарæй æууæнды, æрдзæй ратгæ курдиатыл дæр кæй хъæуы кусын.

"Хуыцау дын цы курдиат радта, уый хъуамæ æрвылбон дæр хуыздæр кæнай. Атфæ мачи зæгъæд, ома сахуыр кодтон æмæ ныр алцы дæр зонын", - бафиппайдта Ацæмæз.

Гасситы Ацæмæзы банысан кодта, зæгъгæ ирон культурæйы райрæзтыл хъуамæ кусой ирæттæ сæхæдæг, цæмæй дзы хорзырдæм ивындзинæдтæ æрцæуа.