Хуссар Иры МХМ радзырдтой Цхинвалы цур аварийы лыстӕгдзинӕдтӕ

Аварийы бахъыгдард сты дыууӕ ӕвзонг лӕппуйы, кӕцыты буары цӕфтимӕ бакодтой Цхинвалы рынчындонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Цхинвал-Дзау фӕндаджы фыццаг километрыл хуыцаубоны изӕры ӕрцыд авари LADA Priora ӕмӕ Honda CRV хайадистӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"LADA Priora-йы шофыр – столицӕйы 31-аздзыд цӕрӕг – нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд Honda CRV хӕдтулгӕйыл, кӕцыйыл скъӕрдта горӕты 24-аздзыд цӕрӕг" – дзырдӕуы хъусинаджы.

Цауы фӕстиуӕгӕн дыууӕ хӕдтулгӕйы шофыр дӕр райстой буары цӕфтӕ – уыдоны бакодтой республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ.

Уагдоны бафтыдтой, ФТЦ фӕстиуӕгӕн кӕй бахъыгдард сты ноджы дыууӕ хӕдтулгӕйы. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.

Хуссар Иры МХМ радзырдтой Цхинвалы цур аварийы лыстӕгдзинӕдтӕ