Хуссар Иры ПА радзырдтой, куыд ӕмӕ цы ӕмгъуыдмӕ фидар цӕудзӕн хицауады ног сконд

Ивгъуыд майрӕмбоны парламент сразы ис Бекъойты Геннадийы кандидатурӕйыл Хуссар Ирыстоны премьер-министрӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik, Козаты Диана. Ног хицауады сконд фидар кӕнын райдайдзысты дыццӕджы, фыццаг барамындтӕ уал президент фӕнд кӕны сом, уый тыххӕй Sputnik радзырдтой паддзахады разамонӕджы администрацийы.

Ивгъуыд майрӕмбон парламент сразы ис Бекъойты Геннадийы кандидатурӕйыл премьер-министрӕй. Уыцы бон президент бафыста барамынд йе 'снысан кӕныны фӕдыл.

"Сом ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фыццаг барамындтӕм. Цӕхгӕр ивындзинӕдтӕм не 'нхъӕлӕмӕ кӕсӕм, фӕлӕ цыдӕр ногдзинӕтӕ уыдзӕн", - загъта агентады ныхасӕмбал.
Бекъойты Геннадий слӕудзӕн хицауады сӕргъ. Йӕ кандидатурӕ хорзыл банымадта парламент

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ бынӕттӕ бахъахъхъӕндзысты хъахъхъӕнынады, финансты, юстицийы министртӕ ӕмӕ ӕрӕджы фидаргонд хъӕууон хӕдзары министрады хистӕр.

Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ раивдзысты Мидхъуыддӕгты ӕмӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрты.

Раздӕры хицауады уӕнгты ссӕрибар кодтой, премьер-министр Пухаты Эрик йӕ бынаты куы ацыд, уӕдӕй.