Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 60 шофыры, кӕцытӕ скъӕрдтой ӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн документтӕй

Паддзахадон автоинспекцийы радзырдтой, цас фӕткхалӕджы ӕрурӕдтой фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри 59 адӕймаджы ӕрбаздахтой бӕрнмӕ хӕдтулгӕ ӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн документтӕй скъӕрыны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ радзырдтой Цхинвалы цур аварийы лыстӕгдзинӕдтӕ

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ 8-15 марты сбӕрӕг кодтой Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл фӕндагон змӕлды 283 фӕткхалды. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд цыппар аварийы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты ӕртӕ адӕймаджы.

"Фараст шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй. Фӕндаджы ныхмӕлӕууӕг хаххмӕ рахизыны тыххӕй инспектортӕ бӕрнмӕ ӕрбаздахтой цыппар шофыры, фӕндагон нысӕнтты фӕтк фехалыны тыххӕй – 30 адӕймаджы, светофорыл аскъӕрыны тыххӕй дӕр 30 шофыры, хӕдтулгӕ ӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн документтӕ скъӕрыны тыххӕй – 59 адӕймаджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны пресс-службӕйы бафтыдтой, иу къуыримӕ Хуссар Ирыстоны кӕй не ‘рцыд фыдракӕндтӕ. Цхинвалы ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй ӕрурӕдтой фондз адӕймаджы.