Хуссар Иры ӕрдӕгазы дӕргъы фыццаг хатт не сбӕрӕг кодтой ног рынчынты коронавирусӕй

Арӕн куы бакодтой 15 сентябры, уӕдӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй рынчынкӕнынады иууыл къаддӕр бӕрӕггӕнӕн сбӕрӕг кодтой февралы райдайӕны – уӕд COVID-19 рабӕрӕг ис ӕртӕ адӕймагӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй рынчынты, фехъусын кодта Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарӕзтӕуыд 48 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдон иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, зӕгъгӕ, иу суткӕмӕ дохтырты хъусдардӕй систой дӕс адӕймаджы, Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы вирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 2657 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 471 адӕймаджы.

Республикӕйы январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.