Цхинвалы райдыдтой тыхон структурӕты рейдтӕ, хъусын кӕны МХМ

Профилактикон мадзӕлттӕ здӕхт сты фӕндӕгтыл ӕдасдзинад сӕххӕст кӕнынмӕ, банысан кодтой МХМ. Рейдты хайад исынц Паддзахадон автоинспекци ӕмӕ МХМ сӕрмагонд дӕлхайӕдты кусджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Милицийы кусджытӕ райдыдтой уадзын рейдтӕ Цхинвалы, уыдон уагъд цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст кӕной ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ столицӕйы ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад, хъусын кӕны дыццӕджы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 60 шофыры, кӕцытӕ скъӕрдтой ӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн документтӕй

Уагдоны банысан кодтой, рейдты хайад кӕй исынц Паддзахадон автоинспекци, патрулон-постон, милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды ӕмӕ милицийы тагъд архайды къорды кусджытӕ.

"Профилактикон мадзӕлттӕ здӕхт сты фӕндагон змӕлды фӕткхӕлдтӕ аиуварс кӕнынмӕ, нозтджын шофырты ӕмӕ ӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн документтӕй шофырты сбӕрӕг кӕнынмӕ", - радзырдтой уагдоны.

МХМ минӕвар ма фехъусын кодта, ивгъуыд суткӕйы дӕргъы барадхъахъхъӕнджытӕ кӕй сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 41 фӕткхалды, дыууӕ шофыры скъӕрдтой автотранспорт нозтджынӕй, ноджы аст шофыры фӕдыл та сарӕзтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ ӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн документтӕй скъӕрыны тыххӕй.