Белграды сарæзтой мурал ирон бархион Андиты Альберты цытæн

Андиты Альберт, кæцы 22 азы размæ ацыд Хуссар Ирыстонæй бархионæй Сербимæ, фæзиан ис цалдæр боны размæгоспиталы Батайницайы. Йæ амæлæтты аххосаг - коронавирусы фæстиуджытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik. Белграды уынджы нывгæнджытæ Фæсивæды хæдзары цур къулыл сарæзтой мурал (аивад æмæ стрит-арты хуыз) Хуссар Ирыстонæй рацæугæ бархион Андиты Альберты цытæн, хъусын кæны ПолитНавигатор.

Белграды сарæзтой мурал ирон бархион Андиты Альберты цытæн

Нывгæнджытæ ныффыстой бархионы сурæт æфсæддон дарæсы. Йæ цуры сербаг æвзагыл фыст æрцыдысты йæ ныхæстæ, кæцытæ бархион загъта йæ интервьютæй иуы.

"Ӕз мæ цæст сафгæ нæ фæкодтон, уым æй ныууагътон. Кæд иннæ æфсæнттæ иууылдæр фесæфой, уæддæр мын уыдзæн Косово æмæ Метохиямæ æрцæуыны æфсон, цæмæй мæ цæст ссарон", - фыст æрцыд къулыл.

Андиты Альберт ивгъуыд æнусы 90-æм æзты хæцыд албайнаг сепаратистты ныхмæ Косовойы. Уыд югославаг æфсады 549-æм бригадæйы снайпер.