Бибылты Анатолий раарфæ кодта ЦКХ кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл

Республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æртыццæджы нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Уый фæдыл сын раарфæ кодта бæстæйы сæргълæууæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджыты фæрцы республикæйы цæрджытæ исынц æппæт цардуагон лæггæдтæ дæр афоныл, банысан кодта президент Бибылты Анатолий йæ арфæйы коммуналон службæтæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, уыдон фæрцы цæрджыты хæдзæрттæ кæй сты ифтонг хъармдзинад, рухс æмæ донæй.

"Сымах фæрцы хæрзарæзт цæуынц парктæ æмæ хъæдзæртты алыварс территоритæ, æнæкъуыхцытæй кусынц социалон нысаниуæгджын объекттæ æмæ уагдæттæ, цæрджытæ афоныл исынц цардуагон лæггæдтæ иууылдæр", - хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Уымæй дарддæр ма президент уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта ацы фадыджы ветерантæн коммуналон службæты райрæзтмæ сæ хайбавæрды тыххæй. 

Бибылты Анатолийы цæст бауарзта коммуналон къабазы кусджытæн æнæниздзинад, амонд æмæ ног профессионалон бæрзæндтæ.