Хуссар Иры президент баххуыс кодта арæнæвæрд фадæттимæ цæрджытæн

Бибылты Анатолий радта инвалидон къаласкъæтæ æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг инвентарь æнæниздзинады арæнæвæрд фадæттимæ цæрджытæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий баххуыс кодта æнæниздзинады арæнæвæрд фадæттимæ цæрджытæн, хъусын кæны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

Бибылты Анатолий балæвар кодта инвалидон къаласкъæтæ Дзæгъиаты Эдуард, Къодоты Гайоз, Гæджиты Лаврентий æмæ Икъоты Рудольфæн.

Хуссар Иры президент баххуыс кодта арæнæвæрд фадæттимæ цæрджытæн

Афтæ ма президент фæуазæг Джиоты Радмилайы бинонтæм, кæцыйы æнахъом чызгæн ис гидроцефалия, дыууæ хатты та йын уыд инсульт. Джиоты Радмила бахатыд президентмæ, цæмæй сын баххуыс кæна самал кæнын сæрмагонд ифтонгад рынчын сывæллонæн.

Хуссар Иры президент баххуыс кодта арæнæвæрд фадæттимæ цæрджытæн

Уый банысан кодта, ныр йæ хъæбулæн кæй уыдзæн стимул хæдхъомæй рацу-бацу кæнынæн.

"Ноджы ма иу инвалидон къаласкъæ бæстæйы сæргълæууæг радта 7-аздзыд Тъехты Нинайæн, кæцы цæры Герцены уынгыл. Сывæллонæн йæ райгуырдæй сæвæрдæуыд диагноз "спина Бифида",- дзырдæуы пресс-службæйы хъусинаджы.

Президентмæ ма ноджы бахатыдысты Джиоты Далийы бинонтæ, уыдон хъуыд æххуыс хуысгæ рынчынæн функционалон сынтæг балхæныны. Рынчын сылгоймаджы чызг загъта бузныг президентæн, афтæ тагъд сын кæй аскъуыддзаг кодта сæ проблемæ, уый тыххæй.