Хуссар Иры президент снысан кодта дӕс министрады сӕргълӕуджыты

Знон президент бафыста фыццаг барамынд йӕ администрацийы сӕргълӕууӕджы снысан кӕныны фӕдыл – ацы бынаты ногӕй кусдзӕн Козаты Игорь
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий ӕртыццӕджы бафыста барамындтӕ дӕс министрады сӕргълӕуджыты снысан кӕныны фӕдыл. Барамындтӕ бафыстой Ахуырады министрад, Культурӕйы министрад, Хъахъхъӕнынадлы министрад, Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ), Экономикон райрӕзты министрад, Юстицийы министрад, Финансты министрад, Хъӕууон хӕдзарады министрад, Арӕзтады министрад ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕуджыты фӕдыл.

Хуссар Иры ПА радзырдтой, куыд ӕмӕ цы ӕмгъуыдмӕ фидар цӕудзӕн хицауады ног сконд

Ацы бынӕттӕм, Экономикон райрӕзты министрады сӕргълӕууӕгӕй дарддӕр, снысан кодтой раздӕры разамонджыты. Экономикӕйы министрады сӕргъ слӕууыд Тадтаты Дзамболат, кӕцы уый размӕ уыд ацы уагдоны сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг. Уый размӕ министрады разамонӕг уыд Бекъойты Геннадий, кӕцыйы снысан кодтой ног хицауады сӕрдарӕй.

Сӕ бынӕттыл баззадысты ахуырады министр Гасситы Натали, культурӕйы министр Зассеты Жанна, хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим, УУМ сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт, юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ, хъӕууон хӕдзарады министр Мӕргъиты Алан, арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард ӕмӕ ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий.

Ноджы ма дыууӕ уагдонӕн не снысан кодтой разамонджыты – Мидхъуыддӕгты министрад ӕмӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад.

Афтӕ ма, дыццӕджы ногӕй снысан кодтой президенты администрацийы разамонӕг Козаты Игоры.