"Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕудзысты": Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Мария сӕ ног альбомы тыххӕй

Ӕвзонг зарӕггӕнджытӕ Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Марияйы альбомы фӕзындзысты ног композицитӕ мадӕлон ӕвзагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ӕвзонг зарӕггӕнджытӕ Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Мария Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы радзырдтой сӕ сфӕлдыстад, престижон конкурсы уӕлахизтӕ ӕмӕ фидӕны нывӕзтыты тыххӕй. Уыдон банысан кодтой, сӕ иумӕйаг альбомыл куыст кӕй цӕуы, ныридӕгӕн цӕттӕ сты дыууӕ зарӕджы.

"Мах нырма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм дыууӕ трекмӕ "Æз дæн тыхджын" ӕмӕ "Радзур", кӕцытӕ азардзыстӕм Хъодалаты Марияимӕ. Альбомы уыдзӕн бирӕ зарджытӕ, фӕлӕ мах нырма ӕрмӕстдӕр дыууӕ композици ныффыстам. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, зарджытӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕудзысты", - банысан кодта Джиоты Люба.

Пресс-конференцийы рӕстӕджы зарӕггӕнджытӕ равдыстой сӕ курдиат ӕмӕ азарыдысты сӕ зарджытӕ.

"Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕудзысты": Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Мария сӕ ног альбомы тыххӕй

"Хурӕн зарыд мӕй" альбомы рауагъд ныддаргъ ис коронавирусы пандемийы тыххӕй, фарон чызджытӕн нӕ бантыст ацӕуын Цӕгат Ирыстонмӕ зарджытӕ ныффыссынмӕ. Проект реализаци цӕуы президент Бибылты Анатолийы ӕххуысӕй.

Хъодалаты Мария – зарджытӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕты автор, фарон ӕвзонг зарӕггӕнӕг ныффыста йӕ фыццаг клип "Ӕз бузныг дӕн" зарӕгмӕ. Джиоты Люба ссис зындгонд Цӕгат Ирыстоны "Осетия-Ирыстон" телеканалы проект "Азар ма"-йы хайадисты фӕстӕ.